Уарзондзинад æмæ бабуйы айфон

— Бабу, бабу, радзур ма, дедæимæ та куыд базонгæ стут?

Гыццыл Стронций атыхсти Минæчкæйы хъуырыл. Зæронд ус сабийи дзыккутæ æрсæрфта фæлмæн къухæй æмæ хъуыдыты аныгъулд…

— Кæддæр адæм цардысты æндæрхуызон. Уæд кæрæдзийы хъуыдытæ кæсын на зыдтой, кæрæдзийы не мбæрстой, æмæ уыдысты тынг лæмæгъ. Уый уыди дыууæ мин фынддæсæм азы. Æз ацыдтæн ахуырмæ университетмæ. Уæды рæстæджы æгъдау афтæ уыд: кæд æмæ хорз бинонтæй рацæугæ чызг дæ, уæд хъуамæ райсай ахæм гæххæт – диплом…

— Бабу, æмæ уæ уыцы дипломтæ та цæмæн хъуыдысты?

— Бабуйи дзиба, æнæмæнгæй дын куы зæгъон, уæд хъæугæ ницæмæн кодтой, фæлæ æнæрайсæн дæр сын нæ уыди. Æмæ æз дæр цыдтæн ахуырмæ, мæ айфонæй хъазыдтæн…

— Бабу, æмæ айфон та циу?

— Мæ лæппу, уый ныр у дæ бон дæхинымæр цы фæнды рæстæджы дæр аныхæстæ кæнын дард чи сты уыдонимæ. Уæд та нæма зыдтам афтæтæ кæй ис гæнæн, æмæ уыдысты нæм айфонтæ. Раст зæгъгæйæ, уыдон дæр дипломтау уыдысты: хъæуа дæ, ма хъæуа, хъуамæ дæм уа. Кæд хорз бинонтæй рацæугæ дæ уæд.

— Æмæ кæд дзурынмæ уыдысты, уæд дзы куыд хъазыдтæ?

— Мæ хур, замманай хъазт дзы уыди: гыццыл мæсты цъиу райс, фехс æй, æмæ йæ хъуамæ хуыйыл фæкæнай…

— Ха-ха-ха! Бабу, цыдæр æнахуыр ныхæстæ кæныс! – Стронций фырхудæгæй Минæчкæйы хъæбысæй зæхмæ атылди. — Уый цавæр мæсты цъиуты кой кæныс?

— Банцай ма! Дæ фарстатæй мæ бон нал у! Кæд хъусыс, уæд хъус дарддæр. Афтæ рауади æмæ дæ деду мын мæ хикъам федта инстаграмы…

Лæппу йæ дзых фегом кодта ног фарстатæ радтынмæ, фæлæ бабу йыл фæразы и:

— О, нæхæдæг-иу нæхи къамтæ систам æмæ сæ мыхуыр кодтам ахæм ран – инстаграмы. Уым иууылдæр мæхихуызæн уыдысты… Гъемæ уæдæ афтæ: дæ дедуйы зæрдæмæ фæцыдтæн, æмæ мыл лæппуты сардыдта аскъæфут дам ма мын æй.

— Бабу, æскъæфын та циу?

— Ооо, мæ цæст, уый у тынг зæронд æгъдау! Нæ фыдæлтæй нæм баззад. Чызг диплом исынмæ цы университетмæ цыди, уый цур-иу æрбамбырд уыдысты скъæфджытæ. Дынджыр машинæйыл, нымæтимæ, сæхæдæг цухъхъаты… Дедуйы æмбæлттæ дæр афтæ æрбамбырд сты æмæ мæм æнхъæлмæ кастысты. Æз рацыдтæн мæ айфонæй дзургæйæ, æмæ дын мæм куы не рбауайиккой! Нымæты мæ атыхтой æмæ мæ фæхæсынц. Лидзынц, лидзынц, æмæ – дæнг! – зæххыл нæ тæпп фæцыди! Уый дæр зæронд æгъдаумæ гæсгæ у: чызг скъæфгæйæ йемæ ахауын хъæуы. Цас дарддæр атæхат, уыййас хуыздæр: инстаграмы уæд бирæ «зæрдæтæ» æрæмбырд кæндзыстут. Уæд æй се ’ппæт дæр базондзысты: мæнæ Минæчкæйы ахастой.

— Бабу, æмæ ды та дард атахдтæ?

— Мæ хъæбул, æз афтæ дард фæтахдтæн, æмæ иу машинæйы бын фæмидæг дæн, иннæйы бынæй та рагæпп кодтон! Ме скъæфæг та йæхи фæриссын кодта, хæлиудзых! Мæхицæн хæссинаг фæци. Фæлæ æнæхъæн дыууæ къуырийи адæм мах кой кодтой!

Минæчкæйы цæсгом барухс и: йæ цæстытыл хъазыдысты ивгъуыд бонтæ, йæ мидбыл худти.

— Бабу, æмæ кæрæдзи кой кæнын, уый дæр нæ фыдæлтæй баззайгæ æгъдау у?

— Цытæ дзурыс, мæ зæрдæйы рухс?! Уый нæ тæккæ сæйраг дæр æгъдау куы у! Мин азы рацыди æмæ ма мин азы рацæудзæн, фæлæ ацы æгъдау ирон адæм нæ ныууадздзысты!… Нæ, фæлæ хуыссын афон æрхæццæ, цу, мæ къона, иннæ хатт ма дын радзурдзынæн нæ фыдæлты æгъдæутты тыххæй.

Бабу Минæчкæ

Архив
«»
ПнВтСрЧтПтСбВс
22232425262728
2930     
       
    123
18192021222324
25262728293031
       
   1234
26272829   
       
    123
45678910
       
  12345
6789101112
13141516171819
27282930   
       
      1
9101112131415
3031     
    123
45678910
18192021222324
       
 123456
78910111213
28293031   
       
     12
3456789
10111213141516
24252627282930
31      
   1234
567891011
12131415161718
       
891011121314
15161718192021
293031    
       
     12
       
  12345
6789101112
       
  12345
2728     
       
      1
2345678
3031     
   1234
567891011
       
 123456
282930    
       
     12
10111213141516
31      
   1234
567891011
       
293031    
       
    123
45678910
18192021222324
       
  12345
27282930   
       
      1
2345678
9101112131415
3031     
    123
       
28293031   
       
28      
       
      1
2345678
9101112131415
23242526272829
3031     
   1234
567891011
19202122232425
262728293031 
       
 123456
78910111213
14151617181920
21222324252627
282930    
       
     12
24252627282930
31      
       
       
    123
25262728   
       
   1234
262728    
       
  12345
2728     
       
 123456
78910111213
282930    
       
   1234
       
  12345
27282930   
       
      1
3031     
29      
       
     12
3456789
10111213141516
31      
  12345
6789101112
13141516171819
20212223242526
2728293031